Къаберты Нодар I Амигдалæ

Амигдалæ цы у, зæгъгæ бафæрсдзысты чидæртæ. Æмæ уын дзуапп дæр ратдзыстæм. Уый у сæрымагъзы чысыл хай, дзуапп дæтты адæймаджы æнкъарæнтæн, йæ мысинæгтæ æмæ тасдзинадæн. Стæй ма афтæ хуыйны телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы ног проект. Йæ автор Гуыбаты Людæ ныхас кæндзæн, алы къабæзты чи фæллой кæны, ахæм адæмимæ. Йæ программæйы фыццаг архайæг у демограф Къаберты Нодар. Ирæтты уавæрыл хъуыдыгæнгæйæ, цæвæр хатдзæгтæм æрцыд æмæ цæмæй тæрсы Нодар, куыд демограф, афтæ? 00:00 Цы у амигдалæ? 03:10 Миграци æмæ адæмы мæлæт. Куыд ахадынц уыдон демографийыл? 04:45 Ирыстоны фылдæр адæм цæмæ мæлы? 05:13 Цал адæймаджы алыгъд Ирыстонæй фæсарæнтæм? 07:45 Æппæтадæмон æрфыст æмæ йæ хъæндзинæдтæ. 11:18 Адæмыхатты фылдæр кæнын цæмæ хъæуы? 14:12 Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны цы ирæттæ цæрынц, уыдон фидæны цы фесафдзысты? 20:42 Ирон æгъдæуттæ адæмы нымæц фылдæр кæнынæн куыд æххуыс кодтой? 28:54 Ирæтты цы хуызы ис сæфтæй аирвæзын кæнæн? 36:54 Цæмæй тæрсы Къаберты Нодар, куыд демограф, афтæ? _________________________ Мы рядом в:
В начало